ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы сывæллæтты библиотекæйы банысан кодтой чиныджы гуырæнбон. Дыккæгæм скъолайы цыппæрæмкъласонтæ дзырдтой æмдзæвгæтæ æмæ сæ зонындзинæдтæ фæлвæрдтой уырыссаг литературæйæ.
Сывæллæтты библиотекæйы æрвылаз дæр уалдзæджы нысан цæуы чиныджы бæрæгбон. Ацы хатт мадзал снывонд кодтой уæрæсейаг фыссæг, поэт публицист, Советон цæдисы æмæ Уæрæсейы гимнты автор Сергей Михалковæн. Ивгъуыд азты ахæм изæртæ нывонд уыдысты Корней Чуковский, Агния Барто æмæ æндæртæн.
Ахуырдзаутæн мадзалы сæ активон хайадисты тыххæй бузныг загъта библиотекæйы хистæр Джиоты Алла æмæ банысан кодта, ахæм бæрæгбæтты сабитæ хиирхæфсгæйæ кæй уæрæх кæнынц сæ зонындзинæдтæ.
"Мах ахуыргæнджытимæ иумæ архайæм, цæмæй сымах бахъомыл уат чиныгуарзагæй", — загъта Джиоты Алла.
Изæры кæрон Культурæйы министрад мадзалы архайæг сабиты рахицæн кодта лæвæрттæй – схæлар сын кодта чингуытæ. Сывæллæтты библиотекæ дæр сæ барæвдыдта зæрдылдарæн лæвæрттæй.