Бибылты Анатолий: Гасситы Знауыр равдыста, намысджын адæм дæр кæй вæййынц политиктæ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы сæвæрдтой мемориалон фæйнæг зынгæ политикон архайæг Гасситы Знауырæн
Цхинвалы сæвæрдтой мемориалон фæйнæг зынгæ политикон архайæг Гасситы Знауырæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы сæвæрдтой мемориалон фæйнæг зынгæ политикон архайæг Гасситы Знауырæн

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Гæбæраты Ян. Легендарон хуссарирыстойнаг политик Гасситы Знауыр бирæ æзты цы хæдзары цард, уый сисыл мемориалон фæйнæг æрбайгом кæныны церемонийы хайад райстой республикæйы президент, министртæ æмæ дипломаттæ.

Мадзал раныхасæй æрбайгом кодта МХМ-ы министры хæдивæг Кокойты Тарзан.

"Нафи дзырдта: амондджын уыцы адæймаг у, йæ адæмимæ цины æмæ хъыджы уысмтæ чи адих кодта. Гасситы Знауыр уыд ахæм адæймæгтæй иу, кæцытæ алыхатт дæр лæууыдысты сæ адæмы фарсмæ уæззау заманты", — загъта Кокойты Тарзан.

Президент Бибылты Анатолий банысан кодта Гасситы Знауыры уæзджын хайбавæрд Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад æмæ хæдбардзинадмæ, афтæ ма йын рахицæн кодта йæ хъæбатырдзинад æмæ фæлмæн зæрдæ.

"Адæмы зæрдæты уый баззайдзæн хуссарирыстойнаг политикæйы патриархæй. Йæхи дæнцæгыл Гасситы Знауыр фенын кодта, намысджын адæймæгтæ дæр кæй архайынц политикæйы", — загъта президент.

Гасситы Знауыр уыд Хуссар Ирыстоны политикон æмæ æхсæнадон архайæг. Ӕндæр æмæ æндæр азты уыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сæргълæууæг æмæ парламенты разамонæг. Иста активон хайад гуырдзиаг агрессийы фæстæмæ аппарыны æмæ хуссарирыстойнаг паддзахады суверенитет саразыны. Амард 2016 азы 6 марты 90 азы кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0