ФХМ-ы сæргълæууæг: Хуссар Ир сæрыстыр у йæ минæвæрттæй фæсарæнты

© Пресс-служба МИД РЮОХуссарирыстойнаг дипломатон ведомствæмæ Цхинвалы фæуазæг сты Хъырым æмæ Мæскуыйы ирон диаспорæты минæвæрттæ
Хуссарирыстойнаг дипломатон ведомствæмæ Цхинвалы фæуазæг сты Хъырым æмæ Мæскуыйы ирон диаспорæты минæвæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг дипломатон ведомствæмæ Цхинвалы фæуазæг сты Хъырым æмæ Мæскуыйы ирон диаспорæты минæвæрттæ

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæрыстыр сты ирон адæмы минæвæрттæй фæсарæнты, загъта республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий Хъырымы уæвæг Цæгат Ирыстоны официалон минæвар Валерий Савлаев æмæ Мæскуыйы цæрæг ирон нывгæнджытæ Гобозты Владимир æмæ Георгиимæ йæ фембæлды рæстæджы.

Зындгонд нывгæнæг Гобозты Владимиры равдыст ацæудзæн Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зындгонд нывгæнæг Гобозты Владимиры равдыст ацæудзæн Цхинвалы

ФХМ-ы пресс-службæ куыд хъусн кæны, афтæмæй уазджытæ бацыдысты ведомствæмæ къуырисæры. Медойты Дмитрий сын раарфæ кодта ахсджиаг культурон цауы – Цхинвалы сæ персоналон равдыстты æрбайгомы фæдыл — Савлаевы фоторавдыст "Ирыстон-Хъырым" æмæ Гобозты Валерийы куыстыты равдыст ацæудзысты 27 марты ПККЗ "Чермен"-ы.

Уазджытæ загътой бузныг культурæйы министрадæн æмæ РХИ-ы минæварадæн Уæрæсейы ахæм фадат сын кæй раттой – республикæйы цæрджытæн сæ куыстытæ равдисын, афтæ ма сæм республикæйы къухдариуæгад ахæм хъарм зæрдæ кæй равдыста, уый тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0