Парламенты спикер ныфс бавæрдта бирæсывæллонджын бинонтæн баххуыс кæнын

© Пресс-служба парламента РЮОСпикер парламента РЮО посетил многодетные семьи в Цхинвале
Спикер парламента РЮО посетил многодетные семьи в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бирæсывæллонджын бинонтæн нæй фадат сæ хæдзары агъуыст раирвын, кæцы баййæфта зиан 2008 азы августы

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр ныфс бавæрдта, бирæсывæллонджын бинонтæ цы хæдзары цæрынц, уый агъуыст раивынæн баххуыс кæнын, хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

13 адæймагæй бинонтæ цæрынц Интернационалон уынджы 2 хæдзары. Дыууæ дих цы хæдзар у, уый тыхджын бахъыгдард 2008 азы æмæ уæдæй нырмæ бинонтæн нæй йе сцалцæг кæныны фадат.

"Хæдзар раздæр дæр уыд æмбæрзт зæронд шиферæй, хæстон архæйдыты рæстæджы та баййæфта стыр зиæнттæ. Ивгъуыд æзты уый бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд æмæ дзы иудадзыг тæдзы къæвдайы рæстæджы, уымæ гæстæ махæн нæу нæ бон хæдзары цалцæггæнæн куыстытæ ауадзын", — радзырдта хæдзары хицау Плиты Лали.

Хæсты рæстæджы ма хæдзарæн ныппырх сты йæ рудзгуытæ, раивтой сæ хицæуттæ сæхæдæг. Сæхимæ ахæм фæрæзтæ кæй нæ уыд, уый тыххæй сæ бахъуыд банчы кредит райсын.

Гасситы Петр ныфс бавæрдта Плиты Лалийæн, æнæмæнгæй сын кæй баххуыс кæндзысты арæзтадон æрмæджытæ æмæ кусджытимæ.

© Пресс-служба парламента РЮОБирæсывæллонджын бинонтæн нæй фадат сæ хæдзары агъуыст раирвын, кæцы баййæфта зиан 2008 азы августы
Дом многодетной семьи в Цхинвале  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бирæсывæллонджын бинонтæн нæй фадат сæ хæдзары агъуыст раирвын, кæцы баййæфта зиан 2008 азы августы

Хæдзары дыккаг хайы хицау Цъæхилты Радион радзырдта, агъуыст раивыны тыххæй уыдон бирæ æзты кæй зылдысты алыгъуызон инстанцтыл, фæлæ æнæхъуаджы.

Гасситы Петр дзырд радта, парти "Иугонд Ирыстон" уымæн дæр кæй баххуыс кæндзæн арæзтадон æрмæджытæй æмæ кусджытимæ.

Хæдзары хицау бахатыд спикермæ, цæмæй йын рахицæн кæной арæзтадон æрмæджытæ æмæ æхцатæ кусджытæн, цæмæй ма йæм бафтауа мансардон уæладзыг.

"Хæдзары тынг бирæйæ стæм, бынат нæм нæй, уымæ гæсгæ мæ рагæй фæнды сывæллæттæн хицæн хатæн саразын. Фæзынид нæм фылдæр сæрибар бынат. Арæзтадон бригадæйæн нын цы æхцатæ хъуамæ радих кæнат, уыдонæй æз балхæнин уæлæмхас æрмæджытæ æмæ сараздзæн мансардæ. Куыстытæ та сæххæст кæниккам ме ′мгæрттæ æмæ хæстæджытимæ", — загъта уый.

Спикер загъта, кæй æркæсдзæн ацы æнхъарæнмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0