Цæгат Иры райдыдта адæмон инструментты фыццаг фестиваль

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæАрфа
Арфа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурс цы залы æрфысым кодта, уым зæлынц ирон фæндыр, дала фæндыр, аккордеон æмæ скрипкæйы аив зæлтæ

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны райдыдта адæмон инструментты фыццаг фестиваль. Культурон мадзал æрæмбырд кодта 150 музыканты республикæйы æппæт къуымтæй, хъусын кæны Националон телекомпани "Осетия-Ирыстон".

Казачий хор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Афишæ: концерт æмæ фæндырдзæгъдджыты конкурс

Конкурс цы залы æрфысым кодта, уым зæлынц ирон фæндыр, дала фæндыр, аккордеон æмæ скрипкæйы аив зæлтæ.

"Конкурсы фыццаг бон æрæмбырд кодта аивæдты колледжты ахуыргæнджыты мæ студентты, дыккаг бон ерысы бахызтысты музыкалон скъолаты ахуырдзаутæ республикæйы æппæт къуымтæй. Æдыппæй 150 адæймаджы бæрц, се ʻхсæн куыд æвæлтæрд музыканттæ, афтæ æхсæнадæмон конкурсты лауреаттæ. Мадзалы архайджытæм залæй сæ цæст дарынц зындгонд аивадон кусджытæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Организатортæ сæ разы æвæрынц хæс перспективон цæгъдджыты раразмæ кæнын æмæ адæмон аивады размæцыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0