"Морфины" бын: Цæгат Иры цæрæджы æрцахстой хуссарирыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæЭкспертон-криминалистикон лаборатори
Экспертон-криминалистикон лаборатори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Басгæрсты рæстæджы тыхон структурæйы минæвæрттæ ссардтой Цæгат Ирыстоны цæрæгмæ цалдæр хуызы психотропон буарадтæ

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны криминалон милицийы кусджытæ ссардтой Цæгат Ирыстоны цæрæгмæ карз психотропон буарæдтæ. Фæткхалæджы автомашинæ "Opel Astra" æрурæдтой хуыцаубоны Дзауы районы Гуфтайы хъæуы, хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.

Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар æмæ Цæгат Иры цæрджыты фæивар кодтой "Лирика"-йы тыххæй

Басгæрсты рæстæджы æрыгон нæлгоймаджы дарæсы мидæггагон дзыппы ссардтой æртæ сырх капсулæйы, аннæ дзыппы та разынд гæххæтты тыхт æрвгъуыз ссадæг.

"Фæткхалæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы ссадæг у психотропон буарад "Скорость". Медицинон басгæрсты протоколмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны цæрæг спайда кодта наркотикон буарад "морфинæй"", — банысан кодтой МХМ-ы.

МХМ-ы экспертон-криминалистон спарвкæмæ гæсгæ, капсулæты разынд карз психотропон буарад, кæцыйы сконды ис "Прегабалин". Ссадæг та у 0,035 граммы бæрц психотропон буарад "Пировалерон".

Азымгондыл æвæрд æрцыд административон æмæ уголовон бæрндзинад "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогтӕй ӕназаконон пайдакӕнынад, реализаци ӕмӕ ӕрбаласты фæдыл, афтæ ма "наркотикон буарæдты æнæзаконон æрбаласт æмæ пайдакæнынады" фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0