"Эрцаху" Цхинвалы: Хуссар Иры æнхъæлмæ кæсынц абхазаг ансамбльмæ

© Sputnik / архивон къамАнсамбль "Эрцаху"
Ансамбль Эрцаху - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæмон кафт æмæ зарды ансамбль "Эрцаху" Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн йæ гастролон туры фæлгæтты

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Абхазаг адæмон кафт æмæ зарды ансамбль "Эрцаху"-йы рцыдмæ æнхъæлмæ кæсынц Хуссар Ирыстоны. Æфсымæрон республикæйы сфæлдыстадон къорд цхинвайлæгты зæрдæтæ барухс кæндзæн 12 апрелы, фехъусын кодта Sputnik "Симд"-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристина.

Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фыййæутты хъазт" æмæ "Абхазаг" кæфтытæ: "Симд" хоны ног программæмæ

Уазæг ансамблы концерт суыдзæн  кафт æмæ зарды дыккаг гуырахстджын мадзал ацы азы райдианæй. Уымæй размæ, 5 апрелы Цхинвалы концерт ратдзæн "Симд".

"Абхазаг адæмон кафты ансамбль "Эрцаху" Цхинвалмæ æрцæудзæн Цæгат Кавказы йæ гастролон туры фæлгæтты. Бон раздæр уыдон се сфæлдыстадæй барухс кæндзысты аивадуарзджыты Дзæуджыхъæуы", — загъта Гаглойты Кристина.

Ансамбль "Эрцаху" уæвынад кæны ныр 40 азы дæргъы. Фæстаг æзты йæ аивадон къухдариуæггæнæгæй нысан æрцыд Абхазы культурæйы кусæг, Хуссар Ирыстоны сгуых артист Вианор Логуа.

Ног хабӕртты лентӕ
0