Путин расидт фыдохы бон Кемеровойы трагедийы тыххæй

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæПутин дидинтæ сæвæрдта БЦ бæстыхаймæ
Путин  дидинтæ сæвæрдта БЦ бæстыхаймæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент дидинтæ сæвæрдта БЦ бæстыхаймæ, бабæрæг кодта зианбаййафджыты рынчындоны æмæ ауагъта æмбырд бæллæхы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Æппæтуæрсейон фыдохы бонæй расидт æрцыд æртыццæг, 28 март, Кемеровойы æрцæугæ трагедийы тыххæй, хъусын кæны РИА Новости. Ӕмбæлон барамынд бафыста УФ президент Владимир Путин.

Мардмысæн службæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ног аргъуаны ауагътой Кемеровойы трагедийы амæттæгты номыл панихидæ

Абон бæстæйы æппæт горæтты дæр ахастой хиирхæфсæн мадзæлттæ, паддзахадон тырысатыл æрхæцыдысты бынмæ.

"Хъынцъым кæнæм трагедийы амæттæгтыл æмæ мæсæлæй зæгъæм зианджын бинонтæн, барамынд дæттын… 2018 азы 28 март расидын фыдохы бонæй Уæрæсейы Федерацийы", — дзырдæуы барамынды.

Уымæй дарддæр ма хицауад æмæ регионы хицæуттæн хæсгонд æрцыд зынгирвæзты амæтæгты хиуæттæн баххуыс кæнын.

Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзт æрцыд хуыцаубоны. Трагеди ахаста 64 адæймаджы цард – сæ фылдæр сты сывæллæттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0