Экс-президент фехъусын кодта парламентон æвзæрстыты хайадисты тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЛеонид Тибилов
Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид йæ райгуырæн боны æрбацыд Sputnik пресс-центрмæ æмæ радзырдта, цы формæйы архайдзæн 2019 азы парламентон æвзæрстыты

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æртыккаг президент Тыбылты Леонид фæнд кæны 2019 азы парламентон æвзæрстыты хайад райсын. Экс-президент йæ интервьюйы Sputnik фехъусын кодта, кæй хъуыды, кæны цы формæйы райсдзæн хайад, ууыл.

 Тыбылты Леонид æртыццæджы æрбацыд Sputnik пресс-центрмæ æмæ радзырдта, президентон æмгъуыд куы фæцис, уæдæй фæстæмæ цы архайы æмæ йæ дарддæры фæндтыл.

"Нырма мæ хъæуы бæрæг консультацитæ, цы хуызы æмæ цы формæйы райсдзæн хайад парламентон æвзæрстыты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мæнæн нырма ис рæстæг, æмæ равзардзæн хайадисты формæ", — загъта Тыбылты Леонид.

Парламентон парти "Ныхас" бирæтæ Тыбылты Леониды парти кæй хуыдтой, уымæн комментарий аразгæйæ раздæры президент банысан кодта, партийы куыст æмæ архайдæй йæ зæрдæ кæй рухс кæны.

Тыбылты Леонид 28 марты нысан кæны йæ райгуырæн бон, экс-президентыл сæххæст 66 азы. Фыццаг хатт президенты бынатмæ уый цыд 2006 азы, уæд æвзæрстытæ рамбылдта Кокойты Эдурад. Дыккаг фæлварæн Тыбылты Леонидæн разынд æнтыстджындæр æмæ 2012 азы 25 марты уый æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны президентæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0