Гергиты Валерий ратдзæн концерт-реквием Кемеровойы трагедийы номарынæн

© Sputnik / Аида ГагиеваГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гергиты Валерийы разамындæй концерт ацæудзæн Мариинаг театры концертон залы 28 марты

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Мариинаг театр Гергиты Валерийы разамындæй сæххæст кæндзæн Джузеппе Вердийы "Реквием" Кемеровойы базарадон центр "Зимняя вишня"-йы зынгсирвæзты бабынуæвджыты рухс нæмттæ арынæн, хъусын кæны оркестры пресс-службæ.

Концерт ацæудзæн Мариинаг театры концертон залы 28 марты 20:00 сахатыл.

"Концерт нывонд цæуы Кемеровойы æрцæугæ трагедийы бабынуæвджыты рухс ном арынæн. Мариинаг театры оркестр сæххæст кæндзæн Джузеппе Вердийы "Реквием". Сфæлдыстадон коллектив тæфæрфæс кæны трагедийы бабынуæвджыты хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн", — дзырдæуы хъусинаджы.

Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзт æрцыд хуыцаубоны. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, трагеди ахаста 64 адæймаджы цард, уыдонæй 41 уыдысты сывæллæттæ.

Рынчындæтты ис 14 адæймаджы, се ʻхсæн дыууæ сабийы. Ноджы ма 65 адæймаджы хос кæнынц хæдзæртты.

Ног хабӕртты лентӕ
0