"Иугонд Ирыстон" сарæзта балц интернатты хъомылгæнинæгтæн зоопаркмæ

© ИА "Рес"Зоопарк "Король лев" приехал в Цхинвал
Зоопарк Король лев приехал в Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пятигорскаг змæлгæ зоопаркмæ сывæллæтты бакодта Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты разамонæг Гасситы Петр сарæзта Цхинвалы æмæ Дзауы скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæн балц пятигорскаг змæлгæ зоопарк "Король Лев"-мæ, хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

Зоопарк Король-ы афишæ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырдтæ горæты: Цхинвалы æнхъæлмæ кæсынц зоопарчы ʻрцыдмæ

Сывæллæтты уæлдай дисы баппæрстой хъæддаг сырдтæ – уыдон æрæмбырд сты тигр, домбай æмæ пумæйы вольерты цур.

"Тынг мæ зæрдæмæ фæцыд зоопарчы. Иууыл тынг мæ зæрдæмæ фæцыдысты домбай æмæ тигр. Ӕнхъæл нæ уыдтæн, ахæм стыр кæй уыдзысты. Фæнды мæ, цæмæй зоопарк уа ам иудадзыг æмæ нæ куы фæнда, уæд та сæ фенæм", — загъта хъомылгææнинæгтæй иу Арсен.

Цхинвалы скъола-интернаты директоры хæдивæг хъомыладон хайы фæдыл Бибылты Фатимæ загъта бузныг парламенты сæргълæууæгæн, сывæллæттæн ахæм бæрæгбон кæй балæвар кодта.

"Сывæллæттæ тынг райгонд сты. Уый нæ фæстаг балц нæу ардæм — æнæмæнгæй та ногæй æрбацæудзыстæм", — загъта уый.

Зоопаркмæ ма фæуазæг сты Дзауы скъола-интернат æмæ Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0