Зоопарк ʻрцыд: Цхинвалы Вокзалгæрон фæзуат байдзаг сырдтæй

© Sputnik / Наталья АйриянЗоопарк
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зоопарчы ис Сырх чиныгмæ хаст сырдтæ æмæ Хуссар Ирыстоны гербон фыранкы мыггагон - персиаг фыранк дæр

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Пятигорскы зоопарк "Король Лев" æрбакодта йæ равдыст Цхинвалы Вокзалгæрон фæзуаты. Сырдты къорд цхинвайлæгты зæрдæтæ рухс кæндзæн иу мæйы дæргъы.

Республикæйы ныр 20 азæй фылдæр никуы уыд зоопарк. Организатортæ куыд ныфс дæттой, уымæй фылдæр сырдтæ æркодтой семæ. Каубыд чырынты ис 25 сырды.

"Пятигорскаг зоопарк æрцыд Хуссар Ирмæ уæ бæстæйы президент Бибылты Анатолийы фæхуындмæ гæсгæ. Программæ æххæст цæуы Хуссар Ир æмæ Республикæ Арцахы ʻхсæн хæларадон ахастытæ райтынг кæныны нысанæн. Æз мæхæдæг дæн Хæххон Карабахы республикæйæ. Æдасдзинады æппæт нормæтæ æххæст цæуынц, зоопарк у фæлтæрд, кусæм 10 азы бæрц, æрзылдыстæм Уæрæсейы алы къуымты", — загъта зоопаркы директор Артур Мусаелян.

© Sputnik / Наталья АйриянАфриканский лев.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/11
Африканский лев.
© Sputnik / Наталья АйриянОбезьяна.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/11
Обезьяна.
© Sputnik / Наталья АйриянЛама.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/11
Лама.
© Sputnik / Наталья АйриянПеликан.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/11
Пеликан.
© Sputnik / Наталья АйриянПятнистый олень.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/11
Пятнистый олень.
© Sputnik / Наталья АйриянВолк.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/11
Волк.
© Sputnik / Наталья АйриянПума.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/11
Пума.
© Sputnik / Наталья АйриянРысь.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/11
Рысь.
© Sputnik / Наталья АйриянПеликан.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/11
Пеликан.
© Sputnik / Наталья АйриянАфриканский лев.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/11
Африканский лев.
© Sputnik / Наталья АйриянПума.
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/11
Пума.
1/11
Африканский лев.
2/11
Обезьяна.
3/11
Лама.
4/11
Пеликан.
5/11
Пятнистый олень.
6/11
Волк.
7/11
Пума.
8/11
Рысь.
9/11
Пеликан.
10/11
Африканский лев.
11/11
Пума.

Зоопарчы сабитæм æнхъæлмæ кæсы фембæлд пума, леопон, пони, маймулитæ, домбайтæ, стайтæ, æрсытæ, бирæгътæ, рувæстæ, страустæ, æмæ пеликантимæ. Се ʻхсæн ис Хуссар Ирыстоны гербон фыранкы мыггагон — персиаг фыранк дæр.

"Сырдтæй бирæтæ сты къæйттæ, ис нæм сæрибар хатæн дæр. Ӕнхъæлмæ кæсæм цотмæ. Ам цы мæй уыдзыстæм, уыцы рæстæг фæнд кæнæм стай æмæ леопонæй лæппын ракæнын дæр", — бафтыдта директор.

© Sputnik / Наталья АйриянЗоопарк
Зоопарк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зоопарк

Æртыццæджы фыццаг зоопаркмæ фæуазæг сты скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ. Абон райсомæй та сырдтæ уынынмæ цæуын райдыдтой фыццаг уазджытæ. Дыууæаздзыд Гæбæраты Димайæн зоопарчы уæлдæф йæ зæрдыл не ʻсæмбæлд, фæлæ йæ домбайимæ фембæлды фæстæ йе 'ппæрццаг миниуджытæ айрох сты.

"Домбай мæ зæрдæмæ тынг фæцыд, рыхыд, куы йæм бацыдтæн, æрмæст ма æвзæр тæф куыннæ кæнид. Сом дæр та йæ бабæрæг кæндзæн", — загъта саби.

Зоопаркмæ билеты аргъ лæууы хистæртæн 200 сомы, сабитæн — 150, æртæ азы онг кæстæртæн та æнæаргъæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0