ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хисæрмагонд æфтиæгты рæзты бæрæггæнæнтæ, кæцытæ ахызтысты иу миллиард сомæй, дзурæг сты республикæйы экономикæ кæй у æнтыстджын, загъта президент Бибылты Анатолий.
Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты рабадты рæстæджы, кæцы уагъд цыд президент къухдариуæгады бын, банысан æрцыд, паддзахады хисæрмагонд æфтиаг абоны бон кæй у 1 миллиард 94 милуан сомы бæрц.
"Ахызтыстæм миллиардон къæсæрæй, æмæ уый та бантыст саразын хъалонты фæфылдæры руаджы нæ, фæлæ фиддонон системæ фæхуыздæр кæныны фæрцы. Фæнды мæ бузныг зæгъын бæрнджын органтæн, финансисттæн, æххæстгæнæн органтæн сæ активон куысты тыххæй. Уый у фыццаджыдæр хицауады æнтыст", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Хицауады рабадтыл фехъусын кодтой 2017 азæн бюджеты сæххæсты параметртæ: æфтиæгтæ уыдысты 7, 2 миллиард сомы, хæрдзтæ та – 7,7 миллиард сомы, дефициты суммæ уыд æрдæгмиллиард сомæй чысыл фылдæр.