Хуссар Иры æмбæстæгтæ бафæлвæрдтой арæныл æнæлегалонты рахизын кæнын

© Sputnik / Диана КозаеваПункт пропуска "Верхний Рук"
Пункт пропуска Верхний Рук - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæткхалджыты æрцахстой уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл уадзæн пункт "Рук"-ы

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ марты æрцахстой республикæйы дыууæ æмбæстаджы, кæцытæ бафæлвæрдтой æнæлегалонæй арæныл рахизын кæнын Таджикистаны æмбæстæгты, фехъусын кодтой паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæйы.

Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК-ы радзырдтой, куыд бафхæрдтой арæнсæтджыты 2017 азы

Арæнсæтджыты æрцахстой уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл уадзæн пункт "Рук"-ы.

"Ӕрцахстуæвджыты ныхмæ райст æрцыд административон æфхæрд фæйнæ дыууæ мин сомы бæрц ивары хуызы", — банысан кодтой ПӔК-ы.

Ведомствæйы ногæй сарæзтой рекомендаци республикæйы цæрджытæн, кæцытæ кусынц чырæйæ, цæмæй ма халой закон фæсарæйнаг æмбæстæгты æрбаласты рæстæджы.

Хуссар Ирыстонмæ æрбацыды закон æмæ уагæвæрдмæ гæсгæ, фæсарæйнаг æмбæстæгты цы цæрджытæ фæхонынц, уыдон хъуамæ рæстæгыл бадæттой алы документтæ дæр ФХМ-мæ республикæмæ æрбацæуыны бар райсыны тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0