Гасситы Мурæт радзырдта Усикмæ йæ ахасты тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянМурат Гассиев
Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер Гасситы Мурæт радзырдта, куыд цæттæ кæны йæхи Усикимæ тохмæ, кæцы ацæудзæн 11 майы

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ фыццаг уæззау уæзы дунейы чемпион боксæй Гасситы Мурæт загъта, цæтта кæй у Александр Усикимæ тохмæ, фæлæ æрмæстдæр ринг фенын кæндзæн хуыздæр боксеры, хъусын кæны Sports.ru.

"Тренировкæтæ цæуынц хорз, мах æртæ къуыри цæттæ кæнæм æмæ цæттæ стæм тохмæ. Усикмæ мын æппындæр ницы негатив ис. Мах стæм спортсментæ, æмæ хъуамæ нæ куыст кæнæм. Мæ бон нæу зæгъын чи рамбулдзæн – æрмæстдæр ринг фенын кæндзæн, чи у тыхджындæр. Ӕз цæттæ дæн алцæмæ дæр", — загъта Гасситы Мурæт.

Раздæр Гасситы Мурæты тренер Абель Санчес банысан кодта, зæгъгæ, кæд йæ хъомылгæнинагимæ Усик тох кæна, куыд латвиаг Майрис Бриедисимæ, уæд тох бирæ нæ ахæсдзæн.

Открытая тренировка Мурата Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт атахт Америкæмæ Усикимæ тохмæ йæхи цæттæ кæнынмæ

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Усикæн Бриедис тасхæссæг нæ уыд, уымæ гæсгæ Александр йемæ æндæргъуызон тох кодта. Кæд Мурæты ныхмæ дæр афтæ тох кæна, уæд æхсæв цыбыр уыдзæн. Фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, Мурæтимæ уый тох кæндзæн æндæргъуызон", — загъта Санчес.

Гасситы Мурæт æмæ Александр Усик стох кæндзысты Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы (WBSS) финалы 11 майы Саудовская Аравияйы.

Боксæй æппæтдунейон суперсерийы турнир райдыдта фарон сентябры æмæ балхынцъ уыдзæн 2018 азы майы. Йæ призон фонд у 50 милуан доллары бæрц. Уымæй дарддæр ма, турниры уæлахиздау райсдзæн Мухаммед Алийы номыл трофей.

Ног хабӕртты лентӕ
0