Хуссар Ирыстоны депутатты æвзардзысты ног законмæ гæсгæ

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Законы проектмæ бирæ фиппаинæгтæм æнæкæсгæйæ, депутатты фылдæр хай уæддæр схъæлæс кодта йæ райсыны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрæмбоны сессийыл райста депутатты равзæрстты фæдыл ног закон.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны депутаттæн нал уыдзæн бар кусын æндæр бынæтты

Ног нормативон акты райст баст уыд уыимæ, æмæ фарон ноябры парламент кæй бахаста барастгæнинæгтæ Конституцимæ, кæцытæм гæсгæ радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ. 34 депутатæй æрдæг равзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æмбис та – иумандатон зылдтæм гæсгæ.

Закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты разамонæг Тедеты Нона фехъусын кодта коллегæтæн законыпроекты бындурон статьяты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иумандатон æвзарæн системæ баконд кæй æрцæудзæн, уый тыххæй территориалон æвзарæн къамистæ ивд æрцæудзысты зылдонтæм.

"Уымæй дарддæр ма фæуæрæхдæр уыдзæн ЦӔК-мæ æбавдисгæ кандидаты исад æмæ æфтиæгты фæдыл информацийы номхыгъд. Законмæ гæсгæ ма фæфылдæр уыдзысты хæрдзтæ æвзарæн кампанийæн, политикон партийæн ацы суммæ хъуамæ 6 милуан сомæй фылдæр ма уа, иумандатонæн та – иу милуан сомæй", — загъта комитеты разамонæг.

Уый ма банысан кодта ахæм фактортæ, кæцытæ æмбæстагæн æвæрынц гæрæнтæ йæ пассивон æвзæрстон барты.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты сфидар кодтой ног депутатты

Конституцийы цы арæнæвæрдтæ сты нысангонд, уымæй дарддæр ма законы проект нæ дæтты бар депутаттæм кандидаттæй цæуын фыдназджытæн, наркомантæн, психикон низтæй рынчын адæмæн.

"Адæмон парти" æмæ "Ныхас"-æй депутаттæ Дьяконты Амиран æмæ Бесаты Зита банысан кодтой, законы проекты кæцыдæр пункттæ кæй халынц Конституцийы нормæтæ, æмæ бахахх кодтой, афтæмæй йын кæй нæй райсæн. 

Законы проектмæ бирæ фиппаинæгтæм æнæкæсгæйæ, закон райст æрцыд фыццаг æмæ æлхынцъон æркасты. Сразы йыл сты 26 депутаты. Хъæлæскæнынады рæстæджы Дьяконты Амиран протесты нысаны хуызы ахызт рабадты залæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0