Президент балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн
Президент балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тезгъогæнæн къаласкъæ чысыл лæппуйæн æлхæд æрцыд, Бибылты Анатолий æрæджы цы хæрзаудæн фонд - "Аланийы иудзинад" - сарæзта, уый фæрæзтæй

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Георгийæн, кæцыйæн ис сывæллæтты церебралон паралич (СЦП), хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Президент бабæрæг кодта Гафезы уынгыл цæрæг Хъотайты бинонты æмæ бацымыдис кодта сывæллоны æнæниздзинады уавæрмæ.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн
Анатолий Бибилов подарил инвалидную коляску пятилетнему Георгию Котаеву - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн

Георгийы ныййарджытæ бахатыдысты президентмæ æмбæлон курдиатимæ марты райдианы. Тезгъогæнæн къаласкъæ чысыл лæппуйæн æлхæд æрцыд Бибылты Анатолий цы хæрзаудæн фонд — "Аланийы иудзинад" — сарæзта, уый фæрæзтæй.

"Анатолий Ильяйы фырт, стыр бузныг дын бакæнгæ æххуысы тыххæй. Георгий сырæзт йæ зæронд къаласкъæйæ æмæ йæ иууыл хъуыд къухтыл хæссын", — загъта Георгийы мад Гаглойты Инна.

Бибылты Анатолий аныхас кодта сывæллонимæ æмæ йæ ныййарджытимæ, йæ цæст бауарзта лæппуйæн æнæниздзинад æмæ царды хæрзиуджытæ.

"Ма тыхсут, æххуыс уын кæндзыстæм дарддæр дæр", — загъта президент.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн
Анатолий Бибилов подарил инвалидную коляску пятилетнему Георгию Котаеву - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент балæвар кодта инвалидон къаласкъæ фондзаздзыд Хъотайты Георгийæн

Президенты пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй фонд "Аланийы иудзинад"-ы иунæг бындурæвæрæг у Бибылты Анатолий. Фонды исад сæйраджыдæр у арæзт йæ бындурæвæрæджы фиддонтæ, хæрзаудæн мысайнæгтæ, гранттæ æмæ бархионты куыстæй.

Фонд ныридæгæн баххуыс кодта 40 æмбæстагæн æмæ организацийæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0