Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц полюсыл ирон тырысайы сæвæрды юбилей

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны нысан кæнынц полюсыл ирон тырысайы сæвæрды юбилей
Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц полюсыл ирон тырысайы сæвæрды юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полярон экспедицийы хайадисджытæ фембæлдысты Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимæ

ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Цæгаттаг полюсыл ирон тырысайы сæвæрыныл 10 азы сæххæсты юбилей. Уæды экспедицийы хайадисджытæ – ССРЦ-ы кадджын полярник, Паддзахадон думæйы сæргълæууæджы хæдивæджы æххуысгæнæг Владимир Кошелев æмæ Цхинвалы кадджын цæрæг Виктор Бунин – æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Уазджыты къуырисæры райста республикæйы президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"10 азы размæ цы къахдзæф сарæзтат, уый æцæгæйдæр уыд ахсджиаг. Сымах сразæнгард кодтат республикæйы адæмы", — загъта уазджытæн Бибылты Анатолий.

Виктор Бунин, кæцы 10 азы рзмæ йæхæдæг æрсагъта тырыса зæххы къорийы иууыл цæгаттагдæр бынаты, радзырдта, нывæзты ма сын кæй ис хуссарирыстойнаг тырыса сæвæрын Антарктидæйы дæр – проект нывæзтгонд у 2019 азмæ.

Полярон экспедициты хайадисæг фæхуыдта президенты 2010 азы хайад райсын Антарктидæмæ Фаддей Беллинсгаузен æмæ Михаил Лазаревы экспедицийыл 200 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты.

"Зæрдиагæй ацæуин", — загъта Бибылты Анатолий æмæ бафтыдта, кæй исы ацы фæхуынд.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны нысан кæнынц полюсыл ирон тырысайы сæвæрды юбилей
Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц полюсыл ирон тырысайы сæвæрды юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц полюсыл ирон тырысайы сæвæрды юбилей
© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны нысан кæнынц полюсыл ирон тырысайы сæвæрды юбилей
Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц полюсыл ирон тырысайы сæвæрды юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4

3/4

4/4

Экспедицийы сæргълæууæг Владимир Кошелев банысан кодта, ирон тырысайы сæвæрды хабар кæй фехъусын кодтой 15 теле- æмæ радиокомпанийы, уыдонæй 10 уыдысты фæсарæйнаг.

"Дмитрий Николайы фырт (Медойты – уæд РХИ-ы официалон минæвар УФ-йы, ныр та республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр) нын фæхæццæ кодта æртæ уæлибыхы, сæн, æртæ цырагъы, æртæ фæрсчы æмæ тырыса. Уый æцæгæйдæр уыд хорз хъуыддаг. Дуне базыдта Хуссар Ирыстоны куыд хæдбар паддзахады", — загъта уый.

Кошелев ма загъта, уыцы бон кæй уыд тынг æвзæр боныгъæд æмæ тынг хъызт — 43 градусы.

Фембæлды кæрон полярниктæ радтой президентмæ Цæгаттаг полюсыл цы тырыса æрсагътой, уый. Президент загъта, тырыса кæй ратдзысты музеймæ.

Арктикон экспедици сорганизаци кæнын æмæ Цæгаттаг полюсыл Хуссар Ирыстоны тырыса æрæвæрыны активон хайадисты тыххæй, президент схорзæхджын кодта Владимир Кошелевы Хæлардзинады майданæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0