Бибылты Анатолий: уазæгдон "Алан"-ы хъæуы инвестор

© Пресс-служба президента РЮОПаддзахады сæргълæууæг базонгæ ис Цхинвалы иууыл егъаудæр уазæгдоны уавæртимæ
Паддзахады сæргълæууæг базонгæ ис Цхинвалы иууыл егъаудæр уазæгдоны уавæртимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæг базонгæ ис Цхинвалы иууыл егъаудæр уазæгдоны уавæртимæ

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабæрæг кодта уазæгдон "Алан" Цхинвалы æмæ базонгæ ис, уазæгдон "Ирыстон"-æй уырдæм цæрынмæ цы лигъдæтты арвыстой, уыдоны уавæртимæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Алан"-ы уæд æрцæрын кодтой фондз адæймаджы, уыдон рæстæгмæ цæрынц дыууæ уазæгдонон номыры. Президенты ныхæстæм гæсгæ, сæ царды уавæртæ "нæ дзуапп кæнынц домæнтæн, бæстыхай домы капиталон цалцæг æмæ уыимæ иумæ, уазæгдон нæу иудадзыг цæрынæн".

© Пресс-служба президента РЮОПаддзахады сæргълæууæг базонгæ ис Цхинвалы иууыл егъаудæр уазæгдоны уавæртимæ
Президент РЮО побывал в гостинице Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахады сæргълæууæг базонгæ ис Цхинвалы иууыл егъаудæр уазæгдоны уавæртимæ

Уазæгдоны директор Мæргъиты Фатимæ ма рахъаст кодта, зæгъгæ, лигъдæтты æрцардимæ, уазæгдоны персоналыл фæфылдææр уаргъæвæрд, иудадзыг цæрджытæ та кæддæрты хъыг дарынц уазджыты.

Бибылты Анатолий радта дзырд проблемæ аскъуыддзаг кæнын ацы аз. Уый ма фехъусын кодта, уазæгдон "Алан"-ы цалцæгæн, кæцы ныртæккæ ис Паддзахадон унитарон куыстуаты статусы, кæй ссардтой инвестор.

Ног хабӕртты лентӕ
0