Хуссар Иры таможнæйы сæргълæууæг ФТС-имæ интеграцийы тыххæй

© Sputnik / Диана КозаеваХуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.
Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхуырбаты Мурæт радзырдта, куыд уадздзысты Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы таможнæты кусджытæ иумæйаг контроль арæныл

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы таможнæты кусджытæ ацы аз райдайдзысты иумæйаг контроль уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг"-ы. Практикæйыл ацы хъуыддаг куыд цæудзæн арæзт, уый тыххæй Sputnik радзырдта Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.

Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир гом кæны таможнæйон пункт Гуырдзыстонимæ арæныл

Иумӕйаг контроль уагъд цӕудзӕн фарон апрелы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн хуссарирыстойнаг таможнӕйон кусджытӕ ӕмӕ УФ таможнӕйон органтимӕ интеграцийы фӕдыл бафыстгонд бадзырды фӕлгӕтты.

Уый рагхыгъд кӕны Интеграци ӕмӕ ӕмцӕдисады бадзырд, кӕцы дыууӕ бӕстӕты сӕргълӕуджытӕ бафыстой æртæ азы размæ.

"Уæрæсейаг ФТС-йы минæвæрттимæ мах æруынаффæ кодтам иумæйаг контролы схемæйыл, кæцы райдайдзыстæм æххæст кæнын ацы аз. Фыццаджыдæр, уый фæрогдæр кæндзæн таможнæйон процедурæтæ амалиуæггæнджытæн", — загъта Цхуырбаты Мурæт.

Хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг таможнӕйон кусджытӕ кусдзысты иу хатӕны. Зӕгъӕм, уӕрӕсейаг таможнӕйы кусӕг базайрагӕн экспортмӕ куы араза йӕ документтӕ, уӕд нӕ кусӕг та уыцы базайрагӕн сараздзӕн импорт.

Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕныл базайрӕгтӕ ӕмӕ уӕргъты иумӕйаг контролӕй дарддӕр ма таможнӕйон къабазы бадзырд нысан кӕны, хуссарирыстойнаг таможнӕйон органтӕ кӕй рахиздзысты Евразиаг цӕдисы закондӕттынадмӕ таможнӕйон хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0