ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий карз критикæйы бын фæкодта цæгатирыстойнаг проектгæнджыты куыст ивгъуыд азы æмæ 2018-2019 азтæн инвестпрограммæты объектты фæдыл.
Паддзахады сæргълæууæг ауагъта æмбырд дыууæазон инвестпрограммæйы реализацийы фæдыл. Фембæлды хайад райстой Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг Игорь Кошин æмæ Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Хæдбар паддзахæдты æмбалады (ХПӔ) бæстæтимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин.
"Ӕз цæхгæр разы нæ дæн проектгæнджыты куыстимæ. Ӕз цы 2017 азы проекттæ федтон, зæгъæм Орчъосаны скъола – уый у бæллæх. Афтæ Ленингоры сабидон дæр. Дарддæр дæр афтæ куы уа, уæд цæгатирыстойнаг проектгæнджытимæ мах ницыуал хъуыддæгтæ араздзыстæм, уый нымæцы Цæгат Ирыстоны арæзтады объектты экспертизæийы къабазы дæр", — фехъусын кодта президент.
Уый бафтыдта, проектгæнджытæ цы рæдыдтытæ ауадзынц, уыдон рараст кæнын стæй кæй бахъæуы республикæйы хицæутты æмæ аразджыты.
"Мах дарддæр дæр фæбадæм æмæ нæ сæр фæцъæл кæнæм, сымах цы рæдыдтытæ ауагътат, уыдон рараст кæныныл", — загъта Бибылты Анатолий.
2018-2019 азтæн инвестицион программæ фидаргонд æрцыд фарон декабры уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æхсæнхицауадон къамисы рабадтыл. Программæйы 51 пункты реализацийæн уæрæсейаг бюджетæй рахицæнгонд æрцæудзæн 4, 3 млрд сомы.