Мады капитал райсынмӕ нал хъӕудзӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕртӕ азы

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæМать с новорожденным ребенком
Мать с новорожденным ребенком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы азӕй фӕстӕмӕ ма капитал ис хардз кæнæн хистæр сывæллæттыл дæр

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Мады капиталы программæйы æрцыд зынгæ ивындзинæдтæ — 2018 азӕй сертификатæй спайда кæнæн ис, сывæллон куыддæр райгуыра, афтæ, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Быценты бинонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæдтулгæ мады капиталæй: Цæгат Иры парламент æркаст капитал райсыны ног фадæттæм

Мады капитал фидыны программæ кусы 2007 азæй фæстæмæ. Программæ фадат дæтты бæлвырд суммæйыл сертификат райсынӕн, кæцыйæ ныры онг уыд гӕнӕн спайда кæнын ӕрмӕстдӕр сывæллæтты ахуырæн, куысты пенси саразынæн æмæ хæдзар балхæнынæн.

"Ацы азӕй фӕстӕмӕ ма капитал ис хардз кæнæн хистæр сывæллæттыл дæр — ахæм закон йæ тыхы бацыдис. Цæмæй дзы сывæллæтты рæвдауæндоны лæггæдтæ бафидай, уый тыххæй хъæуы куырдиат бадæттын пенсион фондмæ. Ныридӕгӕн рæвдауæндонæн мады капиталæй бафыстой æхсай фондз бинонтæ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр ма, 2018-2021 азты уæрæсейаг бинонтæн дыккаг, кæнæ æртыккаг сывæллон куы райгуыра, уæд сæ бон уыдзæн льготæтæм гæсгæ кредит райсын сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Ипотекæйæн фидæн ис мады капиталы фæрæзтæй. Уыимæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæудзæн, цалынмæ сывæллоныл æртæ азы сæххæст уа, уæдмæ.

Программæ кусдзæн 2021 азы 31-æм декабры онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0