ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Уæзаласæн хæдтулгæ"Mitsubishi Canter"-йы гуыффæ басыгъд æртыццæджы æхсæв Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты, хъусын кæны МХМ пресс-службæ
Уагдоны кусджытæ бацыдысты цауы бынатмæ, уыдон сбæлвырд кодта машинæйы хицауы, кæцы цæры Нæузæххонты уынгыл.
Фæсарæйнаг хæдтулгæйæн иууылдæр басыгъд йæ гуыффæ, къамтæм гæсгæ кабина аирвæзт. МХМ горæты хайад сгары хъуыддаг.

Цхинвалы басыгъд уæзласæн хæдтулгæ
© Пресс-служба МВД РЮО
