ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны парламенты советы уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты законы проектыл, кæцымæ гæсгæ фæкарздæр уыдзысты санкцитæ æууилгæ тамако насвай æмæ снюс уæй кæныны тыххæй, хъусын кæны Градус Осетии.
Закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты разамонæг Ортабайты Тимур куыд банысан кодта, афтæмæй тамакойы продукцийы парахат кæныны проблемæ тасхæссæг у сывæллæтты æнæниздзинадæн, уый та у актуалон бæстæйы бирæ регионтæн, уыдон нымæцы ис Цæгат Ирыстон дæр.
Документы автортæ бахастой фæндон æмбæлон ивар фæфылдæр кæнын 15-20 мин сомы онг – ныртæккæ санкцийы бæрц у 2-4 мин сомы. Уыимæ иумæ, бæрнджын гоймæгтæ фиддзысты 30-50 мин сомы ныры 7-12 мины бæсты, юридикон гоймæгтæ та – 40-60 мин сомæй 100-150 мин сомы онг.