Хуссар Ирыстоны хъæутæй иуы цæрæг амардта йæхи

© Sputnik / Наталья Айриянскорая помощь
скорая помощь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæрхондонон-медицинон эксперттæ не ссардтой буарыл тыхмарды миниуджытæ

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ бæлвырд кæнынц суициды æууæлтæ, кæцы сарæзта республикæйы Цхинвалы районы Чугуты хъæуы 73-аздзыд цæрæг, хъусын кæны МХМ-ы пресс-службæ.

Ведомствæйы банысан кодтой, хиуыл къухтæ сисыны тыххæй хъусынгæнинаг кæй бацыд мидхъуыддæгты районон управленимæ къуырисæры.

"Мард буар басгарыны рæстæджы тæрхондонон-медицинон эксперт тыхмарды миниуджытæй ницы ссардта", — банысан кодтой ведомствæйы.

Факты фæдыл басгæрст уадзы Цхинвалы районы мидхъуыддæгты управлени.

Ног хабӕртты лентӕ
0