ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Нæлгоймаджы йæ хъуырыл кардæй цæфтимæ къуырисæры изæрæй фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ Цхинвалы, дохтыртæ бакодтой медицинон æххуыс зианбаййафæгæн æмæ фехъусын кодтой инциденты тыххæй барадхъахъхъæнæг органтæн, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.
Ведомствæйы информацимæ гæсгæ, мидхъуыддæгты цхинвайлаг управленийы кусджытææ, рынчындонмæ бацæугæйæ, сбæлвырд кодтой зинабаййафæджы гоймагдзинад – уый разынд республикæйы столицæйы 37-аздзыд цæрæг.
Фæстæдæр оперативон кусджытæ сбæлвырд кодтой æмæ æрцахстой ацы фыдракæнды азымджыны – Цхинвалы 53-аздзыд цæрæджы, кæцы басаст фыдракæнд саразыныл.