Ног премьерæ: театр цæттæ кæны аргъау "Тæрхъусы амонд"

© Sputnik / театры пресс-службæАргъау "Тæргъусы амонд"-ы афишæ
Аргъау Тæргъусы амонд-ы афишæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны театры труппæимæ аргъау сæвæрыныл архайы режиссер Чилæхсаты Эдуард

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр апрелы йæ репертуар баххæст кæндзæн ног аргъауæй. "Тæрхъусы амонд" æвæры режиссер Чилæхсаты Эдурад Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Тъехты Василийы уацмысмæ гæсгæ, фехъусын кодта Sputnik сценарийы автор.

Тъехты Василийы уацмыс "Тæрхъусы амонд" фыццаг æвæрд æрцыд Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны ирон академион театры сценæйыл.

"Ирон театры сценæйыл Дзæуджыхъæуы фыццаг "Тæрхъусы амонд" сæвæрдта 2004 азы режиссер Цæриаты Валерий. Ам бынаты та аргъауыл кусы режиссер Чилæхсаты Эдуард. Æз æй куыд зонын, афтæмæй аргъауы архайынц Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисттæ Пæррæстаты Дмитрий, Бибылты Сослан, Чохели Натия, стæй ма Мамиты Григорий æмæ æндæртæ", — загъта Тъехты Василий.

Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, аргъауæн кæд ис политикон дæлтекст, уæддæр архайд сабиты ахæсдзæн аргъæутты дунемæ æмæ балхынцъ уыдзæн хорздзинады уæлахизæй фыдбылызтыл.

Сабиты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕрӕгбон сабитӕн: Театр цæттæ кæны ногазон аргъау "Хъилхъус æмæ зæбулхъус"

"Æрмæг нымад у æмбаргæ сабитæн. Ацы уацмыс фыстон 1990 æзты Хуссар Ирыстоны хæсты тæмæны. Ам сырдты хуызы æвдыст цæуы уæды политикон уавæр, йæ сæйраг архайджытæ – Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æмахастытæ. Дыууæ æвзонг республикæйы хуызы равдыстон тæрхъус æмæ згъарæджы лæппынты, Гуырдзыстон — бирæгъы фæлгонцы", — бафтыдта автор.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры репертуары дыууæ аргъау "Сырх худ" æмæ "Бременаг музыканттæ" сты Тъехты Василий ивд ирон æвзагмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0