ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы (WBSS), IBF/WBA верситæм гæсгæ фыццаг уæззау уæзы дунейы чемпион боксæй Гасситы Мурæт æмæ украинæйаг Александр Усикы æхсæн финалон тох аргъæвтой сæрдмæ, хъусын кæны Спорт-Экспресс.
Финал хъуамæ уагъд æрцыдаид 11 майы Саудовская Аравияйы, фæлæ бадзырдтæ бацыдысты тупикмæ. Уæрæсейы Боксы Федерацийы радзырдтой, тох кæй ис гæнæн æмæ хаст æрцæуа Мæскуымæ.
Гасситы Мурæты активы ис 26 уæлахизы (уыдонæй 19 – нокаутæй), нæй йын иу фæхæрд дæр. Усик у WBO/WBC верситæм гæсгæ дунейы чемпион, йæ хыгъдыл ис 14 уæлахизы (11 – нокаутæй) æмæ иу фæхæрд дæр нæ.