ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕзт ӕрцыди Республикон къамис, кӕцыйы бӕрны ис бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ ауадзын Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадыл дӕс азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлттӕ, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.
Ӕмбӕлон барамынд бафыста хуссарирыстойнаг республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий.
"Барамындмӕ гӕсгӕ, къамисы архайды барадон, финансон, информацион ӕмӕ организацион-техникон ифтонгад йӕхимӕ исы президенты администраци", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Къамисы сӕргъ слӕууыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕг, йе сконды сты президенты ӕххуысгӕнӕг Гӕззаты Дауыт, культурӕйы министр Зассеты Жанна, президенты администрацийы къухдариуӕггӕнӕг Козаты Игорь, Хъахъхъӕнынади министры х.ӕ. Гассеты Ибрагим, мидхъуыддӕгты министр Нанаиты Игорь, УУМ сӕргълӕууӕг Тадтаты Алан ӕмӕ информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты сӕрдар Хъотайты Мария.