Цхинвалы бафыстой бадзырд кавказаг фыранк бахъахъхъӕныны фӕдыл

© Sputnik / Ян ГабараевЦхинвалы бафыстой бадзырд кавказаг фыранк бахъахъхъӕныны фӕдыл
Цхинвалы бафыстой бадзырд кавказаг фыранк бахъахъхъӕныны фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг зонӕдты академи ӕмӕ Хуссар Ирыстоны экологион комитеты хсӕн сразыдзинад здӕхт у раззагазиаг леопарды мыггаг сӕндидзын кӕнынмӕ

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Раззагазиаг леопард (Кавказаг фыранкы) мыггаг Хуссар Ирыстоны территорийыл сӕндидзын кӕныны фӕдыл ӕмгуыстады бадзырд сразыдзинад бафыстӕуыд майрӕмбоны Цхинвалы. Сразыдзинадыл сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой Уӕрӕсейаг зонӕдты академийы зонадон кусӕг Анна Ячменникова ӕмӕ Хуссар Ирыстоны геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕрдар Бестауты Бала. Фарсытӕ бадзырдтой баиу кӕнын сӕ тыхтӕ стӕм тугдзых сырды мыггаг сӕндидзын кӕныны фӕдыл.

Раздӕр ацы нысанӕн Кавказаг тобӕгонд бынаты ауагътой ӕртӕ тугдзых сырды.

"Сырдтӕ, кӕцыты ауагътам хъӕддаг ӕрдзмӕ, хъуамӕ фембӕлой уым сӕ мыггагонтыл., кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах уыдон нӕ ныууадздзыстӕм ӕнӕхъусдардӕй, алкӕцыйы хъуырыл дӕр сӕ уыдзӕн спутникон хъуырцӕг", — загъта Ячменникова.

Бала Бестауты банысан кодта бадзырды ахсджиагдзинад æмæ равдыста цæттæдзинад уæрæсейаг коллегæтæн баххуысы хъуыддаджы.

Азиаг фыранк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирмæ æрласдзысты азиаг фыранкты

"Махмæ ис егерон службæ, кæцы йæ цæст дардзæн леопардтæм, кæд уыдон рахизой нæ территоримæ, уӕд", — загъта Бестауты Бала.

Бадзырд бафыссыны хайд растой кавказаг фыранкы мыггаг сæндидзын кæныны нывæзты координатор Алибегты Артур. Уый бамбарын кодта митын фыранк æмæ раззагазиатон леопарды хсæн хицæндзинӕдтæ.

"Фыранк, кæцыйы хатгай фæхонынц ирбис дæр, никуы цард Хуссар Ирыстоны. Ам ныхас цæуы кавказаг леопардыл, науæд та кавказаг фыранкыл, кæцыйы мыггаг фесæфт XX æнусы райдианы", — банысан кодта уый.

Нывæзты фæлгæтты ма арæзт æрцæудзысты фæсивæдимæ фембæлдтæ, цы ран сæ зонгæ кæндзысты Хуссар Иры фаунæимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0