Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Уæрæсейы УУМ-ы сапертæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевЦентр "Лидер" Хуссар Ирыстоны
Центр Лидер Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы УУМ-ы саперты къорд ныр æртыккаг хатт æрцыд Хуссар Ирыстонмæ – ацы хатт "Лидер" минæтæй ссыгъдæг кæндзысты 20 гектарæй фылдæр зæхх

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik, Гæбæраты Ян. Уæрæсейы УУМ-ы ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер"-ы специалисттæ бавнæлдтой Хуссар Ирыстоны территори минæтæй ссыгъдæг кæныны куысты фыццаг этапмæ ацы аз, ныр та пиротехниктæ ссыгъдæг кæндзысты Присы хъæуы цур территори.

УУМ-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан Sputnik куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстон минæтæй сæдас кæныны куыстытæ ацæудзысты æртæ этапæй. Фыццаджыдæр, сапертæ басгардзысты "Паук"-ы алыварс территори, уый фæстæ рахиздзысты Ног Куртайы хъæууон администрацимæ, басгардзысты ма Зары фæндаг дæр.

© Sputnik / Руслан ТадтаевЦентр "Лидер" Хуссар Ирыстоны
Центр Лидер в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Центр "Лидер" Хуссар Ирыстоны

Операциты хайад райсдзысты дыууæ робототехникон фæрæзы, кусынц æнæпилотон тæхæг аппараттæ дæр.

"Уæрæсейы УУМ-ы ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер"-ы специалисттæ кусынц Хуссар Ирыстоны ныр æртыккаг хатт. Республикæйы къухдариуæгады номæй мæ фæнды уыдонæн бузныг зæгъын æмæ нæ ис ныфс дарддæры æмгуыстадæй", — загъта Тадтаты Алан.

Ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер"-ы сæргълæууæг, булкъон Савин дæр загъта бузныг республикæйы къухдариуæгадæн хисæрмагонд скондæн алыварсон æххуысы æмæ куыст сорганизаци кæныны бæрзонд æмвæзады тыххæй.

Центр Лидер-ы минæвæртты фембæлд ХИ УУМ Тадтаты Аланимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртыккаг æрцыд: "Лидер" ссыгъдæг кæндзæн хæлæн æрмæгæй Цхинвалы районы иу хай

"Азæй азмæ нæ куыст ам кæны эффективондæр æмæ хуыздæр. Территоритæ, кæй зæгъын æй хъæуы, вазыгджын сты: кæм пыхсытæ, кæм бирæ бырæттæ – уыдон нын нæ куыст кæнынц зынвадат. Цыфæнды бынаты дæр ис гæнæн æмæ разыной тæссаг æрмæджытæ. Фæстаг хатт махæн бантыст ссарын танкты æмæ фистæгæфсады ныхмæ минæтæ ПМН-2 æмæ МОН-50", — загъта Саввин.

30 адæймаджы скондæй центры къорд уыдзæн Хуссар Ирыстоны 80 боны. Уыцы æмгъуыдмæ рæмудзæн æрмæджытæй ссыгъдæггонд æрцæудзæн республикæйы территорийы 20 гектарæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0