"Лирикайы" тыххӕй ахӕстон: парламент бахаста барастгӕнинӕгтӕ

Рафыссын
Ныр тобӕгонд буарады парахатгӕнджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы уголовон бӕрндзинад

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум хорзыл банымадта препарат "Лирикайы" ӕнӕзаконон æрбаласт, реализаци æмæ пайда кæныны тыххӕй административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинады фæдыл законмæ барастгæнинæгтæ.

Депутаттӕ банысан кодтой, фӕстаг рӕстӕджы кӕй сарӕх сты ацы препараты ӕнӕмӕдицинон пайдакӕнынады цаутӕ, уый та хӕссы стыр зиан адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн ӕмӕ психикӕйӕн.

"Дзырд цӕуы ахӕм буӕрӕдтӕ парахат кӕныны тыххӕй бӕрндзинад фӕкарздӕр кӕныныл. Ома ацы фӕткхалды тыххӕй административон бӕрндзинад ракӕнын хъӕуы уголовонмӕ", — бамбарын кодта парламенты спикер Гасситы Петр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирæтæ сты ацы законы ныхмæ, зæгъгæ, кæцыдæр препаратты сконды цы активон буарад — "Прегабалин" ис, уый нæу наркотикон.

Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лирика"-йы тыххæй Хуссар Ирыстоны бадын кæндзысты ахæстоны

"Хатыр уӕ курын, фӕлӕ уымӕй мӕнӕн ницы уӕлдай у, уымӕн ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ ацы бахауынц ауы препараты амынӕты. Ныры онг-иу йӕ парахатгӕнджытӕ аивӕрзтытсты ивартыл. Фӕлӕ уыдон уайтагъд дӕр сисынц фӕстӕмӕ сӕ ивары аргъ, ногӕй та цалдӕр къоппы ауӕй кӕнгӕйӕ", — загъта спикер.

Гасситы Петр ма банысан кодта, ацы фарст рагӕй кӕй домы аскъуыддзаг кӕнын, ӕмӕ уый кӕй у бӕрндзинад фӕкарздӕр кӕныны ӕвварс.
Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты ацы фарст ӕртыццӕджы парламенты рабатмӕ рахӕссыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0