ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент райста æртыццæджы цæрæнуатон политикæйы фæдыл законмæ барастгæнинæгтæ. Ацы ивындзинæдтæ ратдзысты фадат хицæуттæн, хæсты рæстæджы йæ хæдзар кæмæн басыгъд æмæ йæ ногæй кæмæн сарæзтой, уыдонæн законон документтæ райсын.
"Мах хъæуы цæрæнуатæн документтæ исыны механизм, уый арæзт цæуы приватизацийы уылты, фæлæ æнæаргъ приватизацийы фадат нæ законмæ гæсгæ адæймагæн лæвæрд цæуы æрмæстдæр иу хатт. Уымæй дарддæр, ног фатертæ арæзт æрцыдысты æндæр проекттæм гæсгæ, фылдæр фæзуатæй æмæ сæ раздæры документтæм гæсгæ нæй гæнæн хиуыл ныффыссын", — загъта парламентон сессийыл горæты мэрияйы цæрæнуатон къамисы сæргълæууæг Джиоты Эндрик.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæ ацы барастгæнинæгтæй горæты мэрияйы архæйдтытæ уыдаиккой æнæзаконон. Джиоты Эндрик ма бафтыдта, хæдзæрттæн документтæ исыны процесс кæй райдайдзæн 30 боны фæстæ.
Уый бафтыдта, барастгæнинæгтæ кæй нæ хауынц "Мæскуыйаг" микрорайоны хæдзæрттæм.
Вице-спикер Тедеты Руслан банысан кодта, æхсæнад рагæй зонгæ кæй у ацы проблемæимæ, кæцы æвзæрын кæны нæразыдзинад æмбæстæгтæм.
"Алчидæр зоны ацы фарст. Адæм райстой стырдæр фатертæ, уымæ гæсгæ сæ хæдзæртты раздæры документтæн нал ис тых. Ацы барастгæнинæгтæ райхалдзысты ацы проблемæ", — загъта уый.