Уæрæсе банымадта Хуссар Иры дипломтæ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæГосударственные флаги РЮО и РФ
Государственные флаги РЮО и РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы кæрæдзи дипломтæ нымайыны фæдыл закон сфидар кодта УФ президент

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин бафыста федералон закон æхсæнхицауадон бадзырд сратификаци кæныны фæдыл, кæцы хауы ахуырад æмæ квалификаци банымайыны фæдыл, хъусын кæны РИА Новости.

Заседание Совета Федерации РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ Федерацийы совет сразы ис Хуссар Иримæ ахуырады фадыджы бадзырдыл

Æмбæлон документ мыхуыр æрцыд æртыццæджы.

" Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахуырадон æмæ зонадон организациты ист ахуырад æмæ квалификацийы дывæрсон нымад радтыны фæдыл 12 апрелы 2017 азы бафыст бадзырд сратификаци кæнын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Раздæр федералон закон ист æрцыд Паддзахадон Думæйы рыдгæй 27 марты ацы аз æмæ йыл сразы ис Федерацийы Совет 11 апрелы.

Документ домы зонад æмæ ахуырады фадыджы ахастытæ райтынг кæнын, дæтты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахуырадон æмæ зонадон организациты ист ахуырад æмæ квалификацийы дывæрсон нымад. Разыдзинад хауы ахуырадон нывæзттæм, кæцытæ аккредитацигонд сты дыууæ бæстæйы закæтты домæтæм гæсгæ.

Суагъæ æмархайд кæны ахуырады фадыджы æмгуыстад рауæрæх кæнынæн дыууæ бæстæйы ʻхсæн, скъуыддзаг кæны Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахуырад райсынимæ баст проблемæтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0