Ӕвзонг гварди бафысдзæн бадзырд Хуссар Иры фæсивæдон организацитимæ

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæӔвзонг гварди
Ӕвзонг гварди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Иугонд Уæрæсейы" Ӕрыгон гварди" æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдон организацитæ райсдзысты æмгуыстады фæдыл документтæ

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. "Иугонд Уæрæсейы" Ӕрыгон гварди" (ИУӔГ) бафысдзæн æртыццæджы æмгуыстады фæдыл бадзырд Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикон æмæ æхсæнадон организацитимæ, хъусын кæны РИА Новости ИУӔГ-ы æхсæнадæмон фæдыздæхты къухдариуæггæнæг Дарья Шаровайы ныхæстæ.

Шарова фехъусын кодта, цы проекттæ арæзт цæудзысты Хуссар Ирыстонимæ иумæ документтæ бафысты фæстæ.

"Мах бафæлвардзыстæм саразын активы иумæйаг скъола проектон архайды фæлтæрддзинад æмæ фадæттæ дих кæныны фæдыл", — загъта уый.

Документтæ райст æрцæудзысты ХПӔ-бæстæты фæсивæдон лидерты форум-фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ, кæцы ацæудзæн ИУӔГ-ы фæсивæдон ахуырадон форумы фæлгæтты. Форум уагъд цæуы Казаны 15 апрелæй 21 апрельмæ. Фембæлды хайадисджытæ суыдзысты Украинæ,Таджикистан, Хуссар Ирыстон, Днестргæрон, Азербайджан, Киргизи, Абхаз æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0