Хуссар Иры делегаци хайад райсдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæстæн нывонд форумы

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæВетеранты марш
Ветеранты марш - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды форуммæ абалц уыдзысты фондз адæймаджы – æххæстгæнæн æмæ закондæттæн хицауадты минæвæрттæ

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Уæлахиздауты æхсæнадæмон форум "Иудзинадæй арæзт Стыр Уæлахиз: Стыр Фыдыбæстæйон хæсты партизанты хъæбатырдзинад", кæцы сорганизаци кодта райрæзты фонд "Евразиаг иртæстыты институт", райсдзæн Хуссар Ирыстоны делегацийы. Форум ацæудзæн 25-27 апрелы Брянскы, хъусын кæны РХИ парламенты пресс-службæ.

Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Цоциты Игорь, кæцы ис делегацийы сконды, банысан кодта, ахæм мадзæлттæ здæхт кæй сты фæссоветон тыгъдады паддзахæдты конструктивон æхсæнадон тыхты консолидацимæ æмæ ахъаз сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй историкон рæстдзинад бахъахъхъæнынæн.

"Мах, æвзонг фæлтæр, хъуамæ нæ зæрдыл дарæм нæ дадаты хъæбатырдзинад немыцаг фашистты ныхмæ тохы. Абон ССРЦ-ы бирæ бæстæты фæлварынц истори сфальсификаци кæнын, пырх кæнынц цыртытæ", — радзырдта Цоциты Игорь.

Хуссарирыстойнаг республикæйы делегацийы минæвæрттæй дарддæр, форумы райсдзысты хайад Абхаз, Азербайджан, Сомихстон, Белорусси, Гуырдзыстон, Казахстан, Киргизи, Латви, Литвæ, Молдовæ, Таджикистан, Туркменистан, Украинæ, Узбекистан æмæ Эстони.

Форумы фæлгæтты æруынаффæ кæндзысты партизанон къордты хайбавæрдыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизмæ, агурæн змæлдты хайбавæрдыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты мысæнтæ сæнусон кæнынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0