Хуссар Ир æмæ Хъырым бадзырдтой æмгуыстад кæныныл

© Пресс-служба президента РЮОПодписание соглашения между Республикой Крым и Южной Осетией
Подписание соглашения между Республикой Крым и Южной Осетией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Протокол бафыстой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксенов

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырым бафыстой дыууæварсон базарадон, экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон æмгуыстад фæуæрæхдæр æмæ фæарфдæр кæныны фæдыл протокол.

Хуссар Иры президент раныхас кодта Ялтæйы форумы æрбайгомы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент раныхас кодта Ялтæйы форумы æрбайгомы

Документыл сæ къухфысттæ æрæвæрдтой Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксенов æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Ялтайы IV æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

Протоколмæ гæсгæ, фарсытæ сæ компетенциты фæлгæтты кусдзысты бирæмгъуыдон æмæ алыварсон базарадон, экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон æмгуыстады размæцыдыл, кæрæдзи æмбарынады, цыткæнынад æмæ æууæнчы принциптыл æнцойгæнгæйæ УФ æмæ РХИ закæттæм гæсгæ.

Перспективæйы фарсытæ нывæндынц бафыссын базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон æмгуыстад кæныны фæдыл сразыдзинад республикæты хицауадты æхсæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0