ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг парти "Иугонд Ирыстон" æмæ япойнаг патриотикон парти "Иссуй-Кай" райтынг кæндзысты æхсæнпартион бастдзинæдтæ. Бадзырд фидар æрцыд япойнаг политикон баиугонды раздзог Мицухиро Кимура æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрийы хсæн. Уыдон фембæлдысты Ялтайы экономикон форумы рæстæджы, хъусын кæны дипуагдоны пресс-службæ.
Ялтайы форумы архайы Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Абон паддзахады сæргълæууæг бафыста суагъæ Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксеновимæ базарадон, экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон фадгуыты æмгуыстад райтынг кæныны фæдыл.
"Медойты Дмитрий æмæ Мицухиро Кимура бадзырдтой сфдидар æмæ райтынг кæнын хуссарирыстойнаг парти "Иугонд Ирыстон" æмæ япойнаг патриотикон парти "Иссуй-Кай"-ы хсæн бастдзинæдтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.
Мицухиро Кимура æхсызгонæй райста Хуссар Ирыстонмæ хуынд.
ФХМ ма банысан кодтой, японаг парти "Иссуй-Кай"-йы делегаци йæ сæргълæууæг Мицухиро Кимураимæ кæй æрцыд Хуссар Ирыстонмæ 2010 азы æмæ фæзылын кодта Гуырдзыстоны 2008 азы хæсты.