Цхинвалы фӕнадтой рынчындоны хъахъхъӕнӕджы ӕмӕ дзы байстой 500 сомы

© Sputnik / Наталья АйриянБольница
Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъӕнынадон уагдоны минӕвары фӕнадтой йӕ зонгӕтӕ, зианбаййафӕг нӕ зоны, цӕмӕн ӕм равдыстой ахӕм агрессивон ахаст ӕвзонг лӕппутӕ

ЦХИНВАЛ, 23 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыууӕ цӕрӕджы фӕнадтой Мидхъуыддӕгты министрады дӕлбар хисӕрмагонд хъахъхъӕнынадон уагдон "Ирбис"-ы ӕмкусӕджы, фехъусын кодтой МХМ пресс-службӕйы.

Цау ӕрцыд 18 апрелы, фӕлӕ зианбаййафӕг уый тыххӕй фехъусын кодта цалдӕр бон фӕстӕдӕр.

"Лӕппу фехъусын кодта, республикон рынчындоны службӕ хӕссыны рӕстӕджы йӕм кӕй бацыдысты йӕ зонгӕтӕ — Цхинвалы 21-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ Присы хъӕуы 21-аздзыд цӕрӕг. Ӕбӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕйӕ уыдон фӕнадтой ӕмӕ дзы байстой 500 сомы ӕхца", — банысан кодтой МХМ.

Уый фӕстӕ ӕвзонг лӕппутӕ сбадтысты "Жигули" маркӕ хӕдтулгӕйы ӕмӕ ацыдысты. Зианбаййафӕгӕн снысан кодтой тӕрхондонон-медицинон экспертизӕ.

Оперативон-агурӕн мадзӕлтты рӕстӕджы барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕрцахстой цауы аххосджынты. Фӕткалӕн цауы фӕдыл ӕрмӕджытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты МХМ слестгӕнӕн управленимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0