Ӕнæзаконон нозт Гуырдзыстонæй байстой Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Рухкян /  Ахизын медиабанкмæӔнæзаконон нозт Гуырдзыстонæй байстой Хуссар Ирыстоны
Ӕнæзаконон нозт Гуырдзыстонæй байстой Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнæ акцизтæй нозт цы сылгоймаг уæй кодта, ууыл æвæрд æрцыд административон бæрндзинад

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Мидхъуыддæгты министрады Ленингойраг управленийы оперативон кусджытæ сгарæн балхæды фæстиуæгæн байстой цалдæр авджы Гуырдзыстоны арæзт нозт, хъусын кæны Хуссар Иры МХМ-ы пресс-службæ.

Оперативон-агурæн мадзæлттæ уагъд æрцыдысты Икъоты хъæуы хæлцадон дукани "Маркет Икоти"-йы. Оперативон кусджытæ балхæдтой 300 сомæй коньяк "Зæронд Тбилиси"-йы авг æнæ хуссарирыстойнаг акцизæй.

"Нозт рауæй кодта Икъоты хъæуы 47-аздзыд цæрæг сылгоймаг. Дукани басгæрсты рæстæджы ссардтой æмæ байстой 300 сомы бæрц æхцайы фææрæзтæ, кæцытæй спайда кодтой сгарæн балхæды рæстæджы", — радзырдтой пресс-службæйы.

Афтæ ма раргом кодтой æмæ байстой Гуырдзыстоны арæзт æнæакцизон контрабандон нозт – коньяк "Асконели"-йы дыууæ авджы, сæн "Алозаны комы" æртæ авджы, иу авг сæн "Киндзмараули" æмæ иу авг та "Георгиан Спарклинг".

МХМ-ы куыд банысан кодтой, афтæмæй сылгоймаг сарæзта административон фыдракæнд: "æнæ æмбæлон маркировкæимæ продукцийы кæнæ базайраджы реализаци".

Факт басгарыныл кусы Ленингоры районы экономикон фыдракæндты ныхмæ криминалон милицийы хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0