"Уацамонгæ" равдисдзæн йæ курдиат Мæскуыйы фестивалы

© "МОСКОВСКАЯ ВЕСНА А CAPPELLA""Уацамонгæ" равдисдзæн йæ курдиат Мæскуыйы фестивалы
Уацамонгæ равдисдзæн йæ курдиат Мæскуыйы фестивалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуккаг коллектив хайад райсдзæн Уæрæсейы столицæйы дыккаг уалдзыгон сфæлдыстадон фестивалы

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Мæскуыйы радон хатт уагъд æрцæудзæн æхсæнадæмон фестиваль "Московская весна A Capella", цы ран хайад райсдзысты186 зарæггæнæджы æмæ коллективы 16 бæстæйæ, хъусын кæнынц конкурсы организатортæ. Мæскуыйаг фестивалы фæлгæтты ма йæ арæхстдзинад равдисдзæн ирон адæмон зарджыты вокалон ансамбль "Уацамонгæ".

Ирон зарæджы ансамбль Уацамонгæ рауагъта фыццаг альбом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон зарæджы ансамбль "Уацамонгæ" рауагъта фыццаг альбом

Программæйы фæлгæтты коллектив равдисдзæн концерттæ фондз фæзуатыл 28-30 апрелы, бæстондæрæй "Уацамонгæ"-йы концертты нывæзтимæ базонгæйы фадат ис фестивалы официалон сайтыл. Ӕдæппæт Мæскуыйы æрбайгом уыдзæн 61 фестивалон фæзуаты, концерттæ та ацæудзысты 40 локацийы.

Дзæуджыхъæуккаг коллектив арæзт æрцыд 2016 азы – фæсивæд æххæст кæны ирон адæмон зарджытæ, афтæ ма уырыссаг æмæ хъазахъхъаг зарджытæ. Ацы аз февралы "Уацамонгæ" рауагъта сæ фыццаг альбом, кæцы фæзынд музыкалон интернет-дукани iTunes-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0