"Спартак-Цхинвал" рамбылдта уазæг футболистты Дзæуджыхъæуæй

© Sputnik / Плиты ФатимæДиджджойты Сосланы гол ахицн кодта хъазты хъысмæт
Диджджойты Сосланы гол ахицн кодта хъазты хъысмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Спартак-Цхинвал" æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты (ЦКХМИ) командæты ʻхсæн матчы хъысмæт аскъуыддзаг кодта æрыгон футболист Джиджджойты Сослан, уый фембæлды кæрон бакъуырдта пурти ныхмæлæууæг командæйы къулдуæртты

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы, Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы хуссарирыстойнаг командæ "Спартак-Цхинвал" æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты командæты ʻхсæн матч ахицæн ис 1:0 хыгъдæй. Уазæг командæ разынд чысыл лæмæгъдæр фысымтæй.

© Sputnik / Плиты ФатимаСпартак-Цхинвал" æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты (ЦКХМИ) командæты ʻхсæн матч
Спартак-Цхинвал æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты (ЦКХМИ) командæты ʻхсæн матч - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спартак-Цхинвал" æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты (ЦКХМИ) командæты ʻхсæн матч

 

Дыууæ ирон командæйы ʻхсæн фембæлд цыд æндыгъд уавæрты, иу командæйы дæр нæ фæндыд фæхæрд уæвын.

Президенты Кубок мини-футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК-ы футболон командæ рамбылдта Хуссар Иры Президенты Кубок

Фыццаг тайм ахицæн ис æмдыхæй. Хъазты дыккаг хай спартакæгтæ архайдтой къаддæрæй — хъазæг Хъотайты Константины тæрхонгæнæг Кокойты Юрий рарвыста фæзуатæй. Нымæцон уæлидзинадмæ æнæкæсгæйæ, ЦКХМИ-йы командæйы размæбырст ницы фæстиуæгмæ не ʻркодта. Сæйраг тренер йæ командæйы фембылд сбаста хъазджыты фæллад æмæ æнæбары хъазтимæ.

"Фæллад сты хъазджытæ, æрæджы æрæздæхтыстæм Мæскуыйæ, цы ран рамбылдтам Националон студентон лигæйы. Дыккаг аххосагыл та нымайын, командæ кæй нæ хъазыд æнгом, стæй ма ныр иууыл тыхджын сконд нæ рацыд фæзуатмæ. Иумæйагæй сисгæйæ та нын тынг æхсызгон у Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын", — загъта ЦКХМИ сæйраг тренер æмæ спортивон цæттæдзинады директор Беджызаты Эдуард.

© Sputnik / Плиты Фатимæ"Спартак-Цхинвал" æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты (ЦКХМИ) командæты ʻхсæн матчы кæцыдæртæ райстой травмæтæ
Спартак-Цхинвал æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты (ЦКХМИ) командæты ʻхсæн матчы кæцыдæртæ райстой травмæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Спартак-Цхинвал" æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты (ЦКХМИ) командæты ʻхсæн матчы кæцыдæртæ райстой травмæтæ

Хъазтмæ йæ цæст дардта РХИ фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей, уый  уазæг командæйы ʻрцыд Цхинвалмæ банымадта æвæрццаг цауыл æмткæй Хуссар Ирыстоны футболы размæцыдæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0