ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæнгæрон æдасдзинады æмæ Ленингоры районы проблемон фарстытыл æруынаффæ кодтой майрæмбоны республикæйы æдасдзинады советы рабадтыл, кæцы уагъд цыд президент Бибылты Анатолийы къухдариуæгадæй, хъусын кæны паддзахады пресс-службæ.
Рабадт æрбайгом кæныны рæстæджы Бибылты Анатолий банысан кодта, боны фæткы фарстытæ кæй хъæуы аскъуыддзаг кæнын рсепубликæйы уагæвæрд сифтонг кæныны тыххæй.
"Ӕдасдзинады советы рабадты боны фæткы фарстытæ сты тынг ахсджиаг, ацы фарстыты фæдыл хъæуы райсын скъуыддзаг, цæмæй республикæйы уа уагæвæрд. Цы уынаффæтæ рахаст æрцæуой, уыдон бæрнон адæм хъуамæ сæххæст кæной æвæстиатæй", — загъта президент.
Рабадты куысты райстой хайад Ӕдасдзинады советы иудадзыг уæнгтæ æмæ хицæн ведомствæты æрхонгæ къухдариуæггæнджытæ.