Тедеты Дзамболат Европӕйы чемпионаты фӕстиуджыты тыххӕй: тынг хорз

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæТедеты Дзамболат
Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Европӕйы чемпионат спортивон хъӕбысхӕстӕй уагъд цыдис дагестайнаг горӕт Каспийскы 30 апрелӕй 6 маймӕ

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik. Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы командӕ рамбылдта ӕхсӕз сыгъзӕрин майданы Европӕйы чемпионаты Каспийскы, уый адыл бацахста фыццаг бынат иумӕйаг-командон медалон хыгъды, хъусын кӕны "Р-Спорт".

Сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой Гаджимурад Рашидов (+61 килограмм), Магомед Курбаналиев (+70 килограмм), Ахмед Гаджимагомедов (+79 килограмм), Найфонты Артур (+86 килограмм), Байцаты Владислав (+97 кмлограмм) ӕмӕ Абдулрашид Садулаев (+92 килограмм).

Цæболты Хетæг, Байцаты Владислав æмæ Найфонты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртæ ирон богалы стох кæндзысты Европæйы чемпионаты

"Ӕхсӕз сыгъзӕрин майданы у тынг хорз фӕстиуӕг. Удуӕлдай цӕттӕ кодтам Европӕйы чемпионатмӕ. Махӕн тынг баххуыс кодта, ерыстӕ кӕй цыдысты нӕхи зӕххыл, ӕмӕ хӕдзары та къултӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц. Фӕлӕ бӕрн дӕр уыдис стыр. Ӕмӕ уый тыххӕй рӕвдзыты алчидӕр куыста зӕрдиагӕй. Цы фӕстиуӕг равдыстой, уый абон махӕн алкӕмӕн дӕр у тынг ӕхсызгон", — загъта Уӕрӕсейы командӕйы сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат.

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, командӕйы сӕйрат нысан ныр та у рамбулын ноджы фылдӕр сыгъзӕрин майдантӕ дунеон чемпионаты, кӕцы уагъд цӕудзӕн Будапешты фӕззӕджы. Тедеты Дзамболат ма банысан кодта, командӕ кӕй у уымӕ дӕр цӕттӕ.

Европӕйы чемпионат спортивон хъӕбысхӕстӕй, цы ран хайад истой спортсментӕ 35 бӕстӕйӕ, уагъд цыдис Каспийскы 30 апрелӕй 6 маймӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0