Ӕвзонг Уастырджи: театры фрескæты алыварс рауад хъаугъа

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ паддзахадон театр
РХИ паддзахадон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мыхуыры комитеты театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан æмæ нывгæнджытæ Уалыты Захар æмæ Хетæгкаты Асланы пресс-конференци Цхинвалы расидт стыр хъаугъа

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны драмон театры ног бæстыхайы царыл Нарты кадджыты хъайтарты фæлгонцты нывгæнджытæ — Уалыты Захар æмæ Хетæгкаты Асланы пресс-конференци расидт дискусситæ æмæ ахызт тымбыл фынджы форматмæ.

Театры цар ирон нывгæнджытæ Уалыты Захар æмæ Хетæгкаты Аслан Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады заказмæ гæсгæ сфæлындыдтой 8 бардуаджы фæлгæнцтæй.

© Из личного архива З.Валиева и А.ХетагуроваТеатр
Роспись театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театр

Амæй размæ фрескæты тыххæй критикон уац рацыд газет "Республика"-йы. Хъаугъайаг разындысты Уастырджи æмæ Фæлвæрайы хуызтæ. Уастырджийы нывгæнджытæ сарæзтой æвзонг нæлгоймаджы хуызы, стæй йын йæ къæхтыл скодтой цавæрдæр æнахуыр сырх цырыхъхъытæ. Фæлвæрамæ та фау æрхастой, зæгъгæ, йæ иу цæстыл ын бакодтой стигъæджы бæндæн. Иннæ нывтæм, куыд нывгæнджыты — бæрзонд æмвæзады профессионалты куыстытæм, æрæмбырдуæвджытæ ницы фау æрхастой. Газеты редактор Хъоцыты Андрей бавдыста сфæлдыстадон къамисы бафыстгонд проект, кæцы хицæн кæны сæххæстгондæй.

"Тугъанты Махарбег æмæ Дзанайты Азанбег æвзæр нæ зыдтой истори æмæ æвзæр этнографтæ нæ уыдысты. Сфидаргонд проектты Уастырджийы фæлгонц у традицион хуызы, кæцыйы бын лæууы къамисы авд уæнджы къухфысты. Театрмæ бахизгæйæ, иннæ фæлгæнцтæ уайтагъд адæймаг базоны, фæлæ уым Уастырджийы фæлгонц æвзонг лæппуйы хуызы Александр Невскийы æнгæс тынгдæр у", — загъта Хъоцыты Андрей.

Президенты уынаффæгæнæг, историк Коцты Константин балæууыд Уастырджийы нывгæнджыты интерпретацийы фарс. Уый банысан кодта, Уастырджи бирæ хуызты кæй ис, уый нымæцы æвзонгæй дæр. Фæлæ æрæмбырдуæвджыты фылдæр хай уыд традицион хуызы æвварс.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонты нывтӕ срӕсугъд кӕндзысты театры къултӕ

"Куыд нывгæнджытæ, афтæ сымахмæ ницы фау хæссæм. Æз, куыд хуымæтæг адæймаг, афтæ театрмæ бацæугæйæ куыд хъуамæ базонон Уастырджийы æнахуыр цырыхъхъыты? Ӕхсæнады хъуыдыйы Уастырджи æрфидар Тугъанты Махарбеджы æрбавдыстæй æмæ цæмæн хъуыд уый фæивын? Алкæцы нывгæнæгæн дæр ис бар Уастырджийы скæнын, куыд æй уыны, афтæ, фæлæ йæхи сæрмагонд куыстыты. Театры æрдынцарыл нæ", — загъта информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария.

Фрескаты ныхмæ ма цæхгæр загъта Зонад-Иртасæн институты директор Гаглойты Роберт дæр.

"Стыр Ныхас"-ы 10-æм уанелы архайджытæм Цхинвалы фæзындзæн бирæ фарстытæ, кæд фæлгонц афтæмæй баззайа, уæд. Ирон адæмæй дард фæсарæнтæй æрцæугæ минæвæрттæн куыд бамбарын кæндзыстæм, Уастырджи афтæ цæмæн сæвзонг ис, уый?", — загъта Гаглойты Роберт.

© Sputnik / Александра АлбороваТеатр
Цхинвальский театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театр

Нывгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ та, уыдонæн ис сæхи уынынад æмæ фантази.

"Эскиз у куысты райдайæн, уый фæстæ дзы цыд стыр куыст. Фæстæдæр ма уыд æндæр проекттæ дæр. Стæй нывгæнæгæн йæхицæн дæр ис йæхи уынынад", — загъта Хетæгкаты Аслан.

Нывгæнджытæ не сразы сты сæ куыст аивыныл, фæлæ ныфс радтой зонадон интеллигенцийы ныхасмæ байхъусын æмæ йæ хыгъдмæ райсын.

"Цæгат æмæ Хуссары нывгæнджытæ куы æрæмбырд уой, уæддæр мын æй ныххатыр кæнæт, сæ уынаффæйæ мæ хъуыды нæ аивдзæн. Кæд Ирыстоны дыууæ хайы зонадон интеллигенци аскъуыддзаг кæной æмæ сфидар кæной Уастырджийы хуыз æнустæм, уæд мах дæр аивдзыстæм нæ куыст", — загъта Уалыты Захар.

Ног хабӕртты лентӕ
0