Кубок, майдантæ æмæ приз: цхинвайлаг боксертæ расгуыхтысты уæрæсейон турниры

© Sputnik / Дзигойты Ацæмæзы архивæй къамБоксы турниры хайадисджытæ Кæсæг-Балхъары
Боксы турниры хайадисджытæ Кæсæг-Балхъары - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры командæ æрхаста цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ æртæ бронзæ майданы, афтæ ма сæрмагонд кубок æмæ приз – "уæлахизмæ тырнынад"

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Боксы скъолайы æмæ Спорт галуан "Олимп"-ы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой Ахмат Геграевы номарæн дыккаг æппæтуæрæсейон турниры призтæ. 13 хуссарирыстойнаг æрыгон боксеры, хъаугъайаг тæрхонтæм æнæкæсгæйæ,  рамбылдтой цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ æртæ бронзæйы, фехъусын кодта Sputnik боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, тæрхонгæнджытæ архайдтой гæнæнуæвгæйæ ирон боксерты рацух кæнын сæ майдантæй, фæлæ цыппар лæппуйы уæлахизыл фæдызæрдыг кæнæн нæ уыд.

"Ӕдæппæтæй Хуссар Иры командæйæ фыцццаг бынатмæ схызтысты цыппарæй, æртæ не ʻскъолайы хъомылгæнинæгтæ æмæ иу та спорты галуан "Олимп"-æй – Хаситы Владислав æмæ Гæбæраты Гамлеты ахуырдзау. Ноджы ма дыууæйæ та ссисты дыккæгтæ. Уыдонæй иу — Кокойты Мураты ахуыргæнинаг Бериты Ирлан, иннæ та Гæджиты Эндрик — "Олимпаг" боксер. Уый кæд сыгъзæрин нæ райста, уæддæр æй рахицæн кодтой сæрмагонд приз – уæлахизмæ тырнынадæй", — загъта Кокойты Ирбег.

Турниры сæрмагонд Кубокæй ма рахицæн æрцыд тренер Дзигойты Ацæмæз, уымæн ацы ерысты йæ хъомылгæнинæгтæй расгуыхтысты фондзæй.

Боксер Хубулов Константин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг боксер стох кæндзæн Дагестаны турниры

Уый банысан кодта, спортивон мадзал кæй рауад егъау, архайдта дзы 300 цæттæ боксеры онг æмæ призон бынат райсын дæр хуымæтæг хъуыддаг нæ уыд.

"Гæджиты Гурам та радон хатт ссис сыгъзæрин уæлахиздзау, йе 'нтыст ын сфæлхатт кодта Коцты Алексей. Ноджы ма ме ʻртæ хъомылгæнинаджы та ссисты бронзæйон призертæ. Уый тыххæй, æвæццæгæн, мæнæн дæр радтой сæрмагонд приз – Кубок", — загъта Дзигойты Ацæмæз.

Уый бафтыдта, ноджы ма иу боксер — бирæнымæц ерысты уæлахиздзау Къæбысты Георгий, тренертæ Чехойты Алан æмæ Плиты Азæмæты хъомылгæнинаг кæй ссис турниры хъайтар.

Ерыстæ цыдысты Кæсæг-Балхъары 36 майы. Архайдтой дзы Цæгат Кавказы æппæт республикæты минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0