Дидинтæ æмæ рог къæвда: Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ

© Sputnik / Наталья КелехсаеваӔнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ
Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рог къæвдамæ æнæкæсгæйæ, сæдæгай цæрджытæ тыгуыртæй цыдысты Ӕнусон артмӕ æмæ хастой дидинтæ, дыууæ ветеран-сылгоймаджы сæ цæст дардтой мадзалмæ

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Хъайтарты аллейыл Ӕнусон артмæ дыццæджы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ. Рог къæвдамæ æнæкæсгæйæ, сæдæгай цæрджытæ тыгуыртæй цыдысты дидинтимæ мемориалмæ.

© Sputnik / Наталья КелехсаеваӔнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ
Возложение цветов к вечному огню - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ

Церемони уагъд ӕрцыд Стыр Уæлахизыл 73 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты фæлгæтты. Æнусон арты цур иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой хæсты амæттæгты рухс нæмттæ. Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта президент Бибылты Анатолий.

"9 май æрвылаз мах нысан кæнæм сæрыстырæй — нæ фыдæлтæ бахъахъхъæдтой стыр, номдзыд бæстæ – Советон цæдис. Уыцы фæлтæр дунейæн равдыстой хъæбатырдзинады æмæ райгуырæн бæстæм уарзондзинады дæнцæг. Уыдон цæвиттоныл хъомыл кодтам мах", — банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Æрæмбырдуæвжыты раз æфсæддон темæйыл æмдзæвгæ радзырдта гимнази "Альбион"-ы ахуырдзау.

Мадзалы фæстæ митинджы архайджытæ ацыдысты Стыр Уæлахизæн нывонд солдатон бонасадæнмæ Ногдзауты паркмæ.

© Sputnik / Наталья КелехсаеваӔнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ
Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ
© Sputnik / Наталья АйриянӔнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ
Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ
© Sputnik / Наталья КелехсаеваӔнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ
Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой Кады гирляндӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5

4/5

5/5

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уæлахизыл 73 азы сæххæсты мадзæлтты фæлгæтты æртыццæджы Цхинвалы Театралон фæзуаты ацæудзæн парад.

Фронтмӕ Хуссар Ирыстонӕй ацыд цӕрджыты ӕртыккаг хай — 20 мин адӕймагӕй фылдӕр. Хӕсты быдыры фӕмард ис 11 мин адӕймагӕй фылдӕр, 7 мин адӕймаджы хъысмӕт та абон дӕр бӕрӕг нӕу.

Ног хабӕртты лентӕ
0