ЦХИНВАЛ, 10 мая — Sputnik. Стыр Уæлахизыл 73 азы сæххæсты бон Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сæвæрдта дидинтæ Присы мемориалыл æмæ тъбеттæгты цыртыл, кæцытæ тох кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдыры.
© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры ссардтой Цхинвалы районæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджыты рухс нæмттæ

Хуссар Иры ссардтой Цхинвалы районæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджыты рухс нæмттæ
Цытджын цермони ацыд республикæйы Уæлахизы бон нысан кæныны мадзæлтты фæлгæтты, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Хъайтарты ном ссардтой хицауады сæрдар Пухаты Эрик, УФ минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, президенты администрацийы хистæр Козаты Игорь.