Ленкгӕнӕг Ирыстонӕй рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир

© "15-Й РЕГИОН"Дзгойты Ростислав рамбылдта ерыстӕ ленк кӕнынӕй
Дзгойты Ростислав рамбылдта ерыстӕ ленк кӕнынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзгойты Ростислав рамбылдта ерыстӕ ленк кӕнынӕй - брассӕй 100 метр алкӕмӕй тагъддӕр аленк кодта йӕхи категорийы

ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik. Казаны кӕронмӕ бахӕццӕ ленк кӕнынӕй Ӕхсӕнадӕмон турнир "Mad Wave Challenge 2018"-ы финалон этап, цы ран ӕртымбыл сты 950 спортсмены, хъусын кӕны ерысты официалон сайт.

Ерысты уӕлахиздзау 100 метр брассӕй 2002-2003 ӕзты гуырд сывӕллӕты ӕхсӕн ссис Дзгойты Ростислав. Спортсмен хайад иста горӕт Тамбовы спортивон скъолайы командӕйы сконды.

Ӕвзонг чемпион бирӕ хатт рамбылдта кадджын турниртӕ, кӕцыты ӕхсӕн сты бӕстӕйы ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ерыстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0