Цхинвайлаг богал Дзæгъиаты Сослан ссис Уæрæсейы фыццагады призер

© Sputnik / спортсмены архивæй Уæрæсейы фыццагады призер Дзæгъитаы Сослан
Уæрæсейы фыццагады призер Дзæгъитаы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмены тренеры ныхæстæм гæсгæ, финалмæ ахизыны сæраппонд фембæлды спортивон амонд фæкъуыхцы кодта Сосланы æнтыст

ЦХИНВАЛ, 11 мая — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг богал Дзæгъиаты Сослан уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы фыццагады кадетты ʻхсæн ссис бронзæйон призер. Ирон хъæбысхæцæг архайдта 85 килограммы уæзы, фехъусын кодта Sputnik йæ тренер Коцты Тамерлан.

Ерыстæ цыдысты 10 уæзы категорийы, уæлахиздзаутæ се ʻппæт дæр райстой балцæгтæ Европæйы чемпионатмæ, кæцы цæудзæн Венгрийы 15-17 июны.

Рæмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан слæудзæн Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ Дунейы Чемпионаты

"Дзæгъиаты Сосланы раразмæ кодтам ерыстæм. Хорз тох кодта, фæлæ финалмæ ахизыны фембæлды йын спортивон амонд йе 'нтыст фæкъуыхцы кодта, уый хыгъд ссис æрмæст æртыккаг. Уый размæ та рамбылдта Цæгат Ирыстоны фыццагад", — загъта тренер.

Æмткæй ма Ирыстонæй Уæрæсейы фыццагады расгуыхт ноджы 8 хъæбысхæцæджы — фыццаг бынæттæ бацахстой Багаты Арслан, Цхуырбаты Батырбег æмæ Фадзайты Марат, дыккаг призертæ ссисты Къизинты Дзамболат æмæ Бадтиаты Дауыт, призерты нымæцмæ ма бацыдысты Хуыбиаты Зауырбег Бестауты Сæрмæт æмæ Рæмонаты Дэвид.

Ерыстæ цыдысты Дагестаны 7-10 майы. Уæрæсейы сæйраг ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй кæстæрты ʻхсæн æрæмбырд кодтой 348 спортсмены 45 регионæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0